Фаткъуыта 2 вар. (исполнитель: Нодар Гуцати)
ФÆТКЪУЫТÆ Бæласæй ‘ркалдысты фæткъуытæ Иу дзы йæ астæуыл афæсти Кæй уарзтон уый чындзы ацыди Йемæ мæ зæрдæ дæр атæхти. Бæрз бæласæй уæдындз сарызтон Загътон нæ хæхты дзы цæхдзынæн Иу бон та цы рæссугъды федтон Уый мæ къухтыл дæр фæхæсдзынæн. Проигрыш. Суадоны донæй банызтон Мæ фæллад дæр еуад ысуахтон Уым рæссугъды цæсгом ауыдтон Æмæ йæ тынг бирæ бауарзтон. Хурæй тынг судзынц нæ быдыртæ Суадæттæ дæр куы нал цæуынц Чызг йæхи фæмары кæуынæй Фæлæ цæссыг мур дæр не ‘згъæлы. Проигрыш. Чызг мын дон бадардтæ дурынæй Уымæн йæ дон тынг уæзал уыди Уæд ын зæгътон рæссугъд курын дæ Фæлæ уый та къуырма разынди. Ацы зарæг æз дæуыл зарын Ацы æмдзæвгæ дæуыл фыссын Тæхуды о рæссугъд тæхуды Ды мæнæн куы фестис мæ уды.