Цъæйдон (Чеджемты Æхсары ныхæстæ) (исполнитель: Баллаты Валодя)
ЦЪÆЙДОН Сау хохæй сызгъæрин хур æркаст, Комы стынг Цъæйдоны хивæнд хъазт. Фесхъиуынц йæ уылæнтæ нæргæ, Цъæйдон — Цъæйы комы зæрдæ. О Цъæйдон, кæсын та дæм, кæсын, Демæ мæ æрфæндыди тæхын. Айсæфти мæ рыст уæнгты фæллад, Цъæйдон, дæ базыртæ мын ратт. Амонд мæм Цъæйы комæй æрцыд, Рухс аргъау — йæ конд æмæ йæ уынд. Хорз чызгыл сæрæн дзурæг хъæуы, Цъæйдон, мæ минæвар фæуы. Сау хохæй сызгъæрин хур æркаст, Уый хур нæу , уый у мæ судзгæ уарзт. Æмæ, цæй, мæ зарæджы хъæлæс, Цъæйдон, рæсугъд чызгмæ фæхæсс.