Амонды ронг (исполнитель: Римма ИЛУРОВА)

Уалдзæджы бауарзтон иу хатт дæ цæстытæ,
Мидбылты худтæ æргом.
{Гъе уæдæй кувын Хуыцæуттæм дæ бæсты дæр,
Гъе уæдæй дзурын дæ ном.} x2

Булæмæргъ фестадтæн æмæ ныззарыдтæн,
Зарæг мæ минæвар уыд.
Зарæг мæ цин зарæг афтæ æз самыдтон,
Æмæ ныррухс и дæ уд.

Хурмæ зилæгау мæнырдæм ды разылдтæ,
Хурау æргом уыд дæ каст.
{Гъе уæд фыццаг хатт æз уарзты цин базыдтон,
Гъе уæд куы райхæлд нæ уарзт.} x2

Байхъус дæ зæрдæмæ, байхъус мæ зæрдæмæ –
Иу зарæг зарынц уæдæй.
{Афтæ йæ зардзыстæм ардыгæй фæстæмæ,
Æмæ йын бамынæг нæй.} x2

Рацагъд. 

Иу хатты уалдзæг рæсугъдæй куы рацæуы
Уарзæттæм цингæнгæ, уæд.
{Ногæй дæ цурмæ æз ногчындзау бацæуын,
Ногæй дын дзурын мæ фæнд.} x2

Хуры лæппуйау дыл алкæддæр зардзынæн,
Уарздзынæн ног æмæ ног,
Уарзты кæлæнтæ дæ цæстытæй нуаздзынæн,
Нуаздзынæн амонды ронг.

Уалдзæджы бауарзтон иу хатт дæ цæстытæ,
Мидбылты худтæ æргом.
{Гъе уæдæй кувын Хуыцæуттæм дæ бæсты дæр,
Гъе уæдæй дзурын дæ ном.} x2

Байхъус дæ зæрдæмæ, байхъус мæ зæрдæмæ –
Иу зарæг зарынц уæдæй.
Афтæ йæ зардзыстæм ардыгæй фæстæмæ,
Æмæ йын бамынæг нæй.
Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте

Видео к песне:
Открытка с текстом :
Удобно отправить или распечатать
Создать открытку
У нас недавно искали песни:
Johnuboy  Брахма мантра  Jony Lipsey  Pandora Hearts bloody rabbit  Palci Bahh tee  Ladna jhagadna  Homie G-nise 
О чем песня
Римма ИЛУРОВА - Амонды ронг?
2020 © Tekstovoi.Ru Тексты песен