Къонайы хъарм (исполнитель: Альбина Секинаева)

Мæ фарсмæ ма ’рбад, мæ хур,
кæстæр дæ
Æмæ дæ зæрдыл иу хъуыддаг лæууæд —
Фыдæй йæ фырт куы нæ цæуа хуыздæрмæ,
Кæнынц уæд адæм сомбон фыдвæд.

Дæхи удау дæ фыдыбæсæ хъахъхъæн,
Рæстæй Хуыцауыл бафæдзæхс дæхи.
Нæй атæхæн æнæ базыртæй маргъæн,
Æнæрхъуыды лæг фесафы йæхи.

Зæхх — мад у, зæгъгæ, баззади ныхасæн,
Æмæ йæ мадау сбуц кæнын фæраз.
Æгас бæстæ, æгас дуне ис уарзæн,
Ды мын зæрдæйæ райгуырæн зæхх уарз.

Фыдыбæстæ у иунæг хæзна, уарз æй,
Йæ сæрвæлтау мын ма фæтæрс зынтæй.
Цы зæххыл цæуынц хорз хистæртæ разæй,
Уым кæстæртæн дæр æгуыдзæг уæвæн нæй.

(У алчидæр йæ буц мадæн фæлмæн хур
Æмæ дæ царды макæй зæрдæ сæтт.
Искæй зæрдæ куы асæттай, мæ хъæбул,
Дæхи зæрдæ дæр афаз уыдзæн уæд.)

Æгас бæстæ, æгас дуне ис уарзæн,
Ды мын зæрдæйæ райгуырæн зæхх уарз!
Æгас бæстæ, æгас дуне ис уарзæн,
Ды мын зæрдæйæ райгуырæн зæхх уарз!
Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте

Видео к песне:
Открытка с текстом :
Удобно отправить или распечатать
Создать открытку
У нас недавно искали песни:
Крылья мои закрывают пол-неба  Этот мир так суров-не без грешных  Саундтрек к фильму Привидение классика  Ты половина моя текст ночь видимо недогоняет нас  Пустыня збон gloomy pozitiff парт nwo  Дмитрий кубасов-я на свадьбу к другу спешу 
О чем песня
Альбина Секинаева - Къонайы хъарм?
2020 © Tekstovoi.Ru Тексты песен