Дзеранты Лаврентъийы зарæг (исполнитель: гр. «Хурзæрин» (сол. Шота Багаев))
Гуры [???] æрбадары — Зилынц кæмтты цъалаты. Дзеранты фырт сæм рагъæй дзуры: «Ме ’рдæм-ма рацæут фалæты». Уæй, уæрæйдæ, уæй, уæрæйдæ! Уæй, уæрæйдæ, уæрæйдæ! Дзеранты фырт сæм рагъæй дзуры: «Ме ’рдæм-ма рацæут фалæты». Болаты фырт, дам, Лаврентъмæ дзуры: «Æз дæуæй мæ туг райсдзынæн». Дзеранты фырт æм афтæ куы дзуры: «Ды мурдæр ницы райсдзынæ». Уæй, уæрæйдæ, уæй, уæрæйдæ! Уæй, уæрæйдæ, уæрæйдæ! Дзеранты фырт æм афтæ куы дзуры: «Ды мурдæр ницы райсдзынæ». Цъинубанæй цъиу ратахти, [???] цады абадти. Гъей, гъей, ирон сау цæргæс, Дзеранты фырт Лаврентъи. Уæй, уæрæйдæ, уæй, уæрæйдæ! Уæй, уæрæйдæ, уæрæйдæ! Гъей, гъей, ирон сау цæргæс, Дзеранты фырт Лаврентъи! Мæ Ирыстон, мæ цардаразæг, Мæ рухс фидæнты фидиуæг, Ды скодтай махæн æнусон уалдзæг, Æнусон æвзонг дидинæг. Уæй, уæрæйдæ, уæй, уæрæйдæ! Уæй, уæрæйдæ, уæрæйдæ! Ды скодтай махæн æнусон уалдзæг, Æнусон æвзонг дидинæг.