Ало-лай (исполнитель: Анс. «Къона» (сол. Нати Тедети))
Ало-ла, ало-ла! Лæппу фынæй акæна. Уæлæ хъæндил æруайы, Йæ къахдзæфтæ нымайы. Ацы хъæндил — хъæндилæг, Йæ базыртæ — æрттиваг, Йæ астæуыл — цыргъ хъама, Йæ уæлæ та — цъæх цухъхъа. — Кæдæм уайыс, хъæндилæг? — Хохæй уайын быдырмæ! — Цæмæй цæрыс быдыры? — Урс кæндысæн йæ бынæй, Урс кæндысæн йæ сæрæй! — Цæргæ та дзы кæм кæныс? — Айчы хъузджы — мæ хæдзар, Карды комыл — мæ фæндаг, Судзины бын — мæ дуар. — Цытæ хуыйнынц дæ фырттæ? — Тинтæ æмæ Тыбылтæ. — Цæмæй хъазынц дæ хуртæ? — Тины хъазæн фæрæтæй. Ныццæвынц æй зæвæтæй. Ало-ла, ало-ла! Лæппу фынæй акæна. Уæлæ хъæндил æруайы, Йæ къахдзæфтæ нымайы… Слова и музыка народные «Музыкальная культура осетин» [bad word] ossmus ¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯ ☻/ /▌ / \