Цъæйдон (исполнитель: Владимир Баллаев)
Цъæйдон Сау хохæй сызгъæрин хур æркаст, Комы стынг Цъæйдоны хивæнд хъазт. ☺ Фесхъиуынц йæ уылæнтæ нæргæ, Цъæйдон – цъæйы комы зæрдæ. ☺ (2 хатты) О, Цъæйдон, кæсын та дæм, кæсын, Демæ мæ æрфæндыди тæхын. ☺ Айсæфти мæ рыст уæнгты фæллад, Цæйдон, дæ базыртæ мын ратт. ☺ (2 хатты) Амонд мæм Цъæйы коммæ æрцыд, Рухс аргъау – йæ конд æмæ йæ уынд. ☺ Хорз чызгыл сæрæн дзурæг хъæуы, Цъæйдон, мæ минæвар фæуы. ☺ (2 хатты) Сау хохæй сызгъæрин хур æркаст, Уый хур нæу, уый у мæ судзгæ уарзт. ☺ Æмæ, цæй, мæ зарæджы хъæлæс, Цъæйдон, рæсугъд чызгмæ фæхæсс. ☺ (2 хатты)