Куы фестин - Осетинская народная песня (исполнитель: Алла Хадикова)
Куы фестин цъæх нæуыл дидинæг! Чи ‘вдиса уалдзæджы миниуæг. Æрмæст на амонд мидбылты худæд, Æрмæст нæ зарæг нæрæд! Куы фестин Терчы был зад дыргъдон! Сатæг-иу чи тауа алы бон. Æрмæст нæ уарзтæй райгуырæд зарæг, Махæн æмбæлццон фæуæд! Куы фестин уалдзыгон тар æхсæв! Æрдзы-иу бамбæрзин арæхстгай. Æрмæст уæларвыл уæлæ иунæг мæй Нæ уарзтæн ‘вдисæн фæуæд!