Хъуыбады (исполнитель: Государственный ансамбль песни)
сол.: Инал Алборов
муз.: осет. нар. (обр.: Павел Битиев), сл.: К. Хетагуров
Сæрдæй, зымæгæй, гуыбыр, тызмæгæй,
Йæ кæрцы мидæг,
Ныхасы бады зæронд Хъуыбады,
Нæ фæндырдзæгъдæг…
{Кæйдæр дзæгъæлзад, лæппуйæ баззад
Йæ сау бындурыл…
Кæдæм-иу бафтыд, уым-иу фæкафыд
Кæрдзыны мурыл…} x2
{Бæгънæг, бæгъæввад, ыстонг, уысмæн над
Хуыцауы рæстæй!
Цъыфæй ныррæсыд, — хæфсытæ уасыд
Йæ къахы скъуыдтæй…} x2
{Сæрдæй, зымæгæй, гуыбыр, тызмæгæй,
Йæ кæрцы мидæг,
Ныхасы бады зæронд Хъуыбады,
Нæ фæндырдзæгъдæг…} x2
{Уæд фос куыд уарзта? — фæсал сын ласта
Йæ салд æрчъийæ!..
Йæ зард нæ уагъта, — фæндыр ыскъахта
Бæрзбызычъийæ…} x2
{Бын бауай, иунæг, дзыллæтæй иу лæг
Кæй нæ рæвдыдта!
Фæсмон фæкæна, мæрдты дзыназа,
Дæу чи ныййардта!..} x2
МУЗЫКАЛЬНАЯ КУЛЬТУРА ОСЕТИН
[bad word] ossmus
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \