Ци ма дин кæнон (исполнитель: Ирина Хамицаева)
Нæ хуæнхти сæрмæ æвзестæ мæйæ Æ билтæ æруагъта. Мæнæн мæ зæрдæ æнæ фæсмонæй Дæу ку бауарзта. Базард: ☺Ци ма дин кæнон, кумæ фæццæуон, Цæмæй дæ 'рбасайон? Мæ уарзти зинг дæ, мæ зæрди зин дæ, Дæуæн куд разарон?☺ (2 хатти) Уалдзигон думгæ бæласи сифтæр Еугай и ратудта. Мæнæн мæ зæрдæ æнæ фæсмонæй Дæу ку бауарзта. Базард. (2 хатти) Æрхæссдзæй кувддаг нæ фæззæг махæн, Игъусдзæй нæ цини зард. Дæ уарзт уодзæнæй алкæддæр мæнæн Æнæмæнгæ хъазар. Базард. (2 хатти)