Ало-лай (live 2013) (исполнитель: "Ӄона")
Ло-ло, ло-ло, а-ло-ла! Лæппу фынæй акæна. Уæлæ хъæндил æруайы, Йæ къахдзæфтæ нымайы, Ацы хъæндил — хъæндилæг, Йæ базыртæ — æрттиваг, Йæ астæуыл — цыргь хъама, Йæ уæлæ та — цъæх цухъхъа. — Кæдæм уайыс, хъæндилæг? — Хохæй уайын быдырмæ! — Цæмæй цæрыс быдыры? — Cay кæндысæн йæ бынæй, — Урс кæндысæн йæ сæрæй! — Цæргæ та дзы кæм кæныс? — Айчы хъузджы — мæ хæдзар, Карды комыл — мæ фæндаг, Судзины бын — мæ дуар. — Цытæ хуыйнынц дæ фырттæ? — Тинтæ æмæ Тыбылтæ. — Цæмæй хъазынц дæ хуртæ? — Тины хъазæн фæрæтæй. Ныццæвынц æй зæвæтæй. — Фæрæт арвмæ фæхауы, Стъалытæ нызгъалы, Арвы дуар ныссæтты. Иухатт гомæй аззадис, Иу cay бæх дзы ракастис. — Чи йын быдта йæ къæдзил? — Сырдон быдта, тых быдта. — Уæд Сырдонæн цы загътай? — Ратт мын, Сырдон, дæ иу фат... — Мæ иу фатæй цы кæныс? — Ме знæгты дзы ныццæгьдон, Дзæбидыр дзы æртулон, — Мæ хæлæртты æрхонон! — Дард у, хъæндил, дæ фæндаг, Суадз уал махмæ дæ фæллад! Раздæх уал нæм фысыммæ, Ардæм рауай мæ хурмæ 'Мæ йын рахæсс хæрзфынтæ! Мæнæ хъæндил æрхæццæ, Цинæйдзаг у йæ зæрдæ, — Авдæн узы чысылæн, Кадæг кæны мæ хурæн!