Уарзгæ дæ куы кæнын (исполнитель: Казбек и Ким Суановы)
Дæ иу бакастæй дæр циндзинад исын, Кæд фæнды мæ зарын. Цы бон дæ нæ фенын, зæрдæйы риссын Æрмæст уæд æнкъарын. Дæу кæй уарзын, уый дын куыд зæгъон, Куыннæ йæ æмбарын. Дæ мидбылты худтыл худгæ зæрдæйæ Æдзухдæр æмбæлин. Мæ рæсугъд дунейы демæ цæугæйæ Æнусмæ фæцæрин. Уæд цы кæнон, ныр дын куыд зæгъон: Мæ бауарз æндæры! Ма мын бауадз тызмæг сагъæстæн Мæ зæрдæ æфхæрын. Нæ фæстæг фембæлдты дæхи куыд дардтæй, Æз уымæй æмбæрстон: Дæ цинтæ, дæ амонд Ды кæй ссардтæй Кæмæндæр мæ бæсты. Охх, цы кæнон, куыд-ма цæрдзынæн Зæрдæ рысты фæстæ? Куыд хорз-иу уыдысты мæйрухс изæртæ, Сæ зарджытæ хæхтæн. Мæ хай кæд нæ фæдæ, Уæддæр мæ зæрдæ дæу мысгæйæ цæрдзæн. Диссаг, диссаг æхсидгæ уарзтæн Рох кæнæн куыд нæй. Диссаг, диссаг æхсидгæ уарзтæн Рох кæнæн куыд нæй. Охх, тæхуды æнувыд уарзтæн Йæ хорзæх кæй фæци.