Отсутствует (исполнитель: Неизвестен)
Бауадз æдзух дæ зард æмæ мæ зæрдæ, А зæххыл ды мæнæн уæларвон зæд дæ, А зæххыл ды мæнæн мæ хуры тын дæ, Мæ тæккæ рухсдæр фынты дæ уынын! Базард: Уарзондзинад... Цы ма и уымæй рухсдæр? Æхсæвы бон кæны йæ кой мæйрухс дæр. Мæнимæ дæр мæ ирд бæллицты барын, Æнæ дæу æнцой нæ арын... О, мæлын! Ацы зарæг дæуæн æз лæвар кæнын, Ды мæнæн дæ мæ цин, уарзын дæ, сæттын! Ды мæнæн дæ мæ цард, мæ уарзондзинады арт Тавы бонæй - æхсæвæй мæн... Цыма кæддæр дæу ауыдтон мæ фыны, Уæдæй нырмæ мæ зæрдæйы рæбыныл Уыдтæ æдзух... ныр та Хуыцауæй курын Æдзух куыд уай мæ цуры царды... Дæ ном мæнæн мин нæмттæй у зынаргъдæр, Дæ цæстæнгæс кæсы мæ фурдæй арфдæр, Дæ мидбыл худт рæвдауы мын мæ зæрдæ, Цыма уæларвон зæд дæ, уыйау! Базард. (2 хатты)