Отсутствует (исполнитель: Неизвестен)
Слова и музыка народные Уæле-уæле Сирнад, Сæ хор æрцыд сирваг! Уый дæлейы Сындзы сæр, Ныффасут ма чындзы сæр! Уый дæлейы Ецъына, Сæ хос æрцыд иу цъына! Уый дæлейы Тъæбæгъæу – Кæддæр уыдис дзæбæх хъæу! Уый дæлейы Сахсат, Чындзы фынæйæ бафсад! Уый дæлейы Елгона – Чындзæн йæ сæр фегом уа! Уый дæлейы Дзрисса, Чындзæн йæ сæр куы рисса! Уый дæлейы Гуыркъуымтæ, Дысон федтон фыд фынтæ! Уый дæлейы Ыскæсæн, Чындз æрбацыд æдкæсæн. Уый дæлейы Семса, Чындзæн раттут йе ’хца! Уый дæлейы Нары хъæу, Уарзон дын у ацы хъæу! Уый дæлейы Зæрæмæг, Бирæ цæрой уæ зæнæг! МУЗЫКАЛЬНАЯ КУЛЬТУРА ОСЕТИН [bad word] ossmus ¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯ ☻/ /▌ / \