Бахсæв и… (исполнитель: Тасолтан Мамсуров)
Бахсæв и. Бæстæ ныссабыр. Иу сыбыртт нал ахсы хъус. Арвæй цæлхыдзаг мæй дардыл Тауы йæ сызгъæрин рухс. Бадын та иунæгæй уаты, Ацыд та хъуыдыты сæр. Рог дымгæ ’рбахæссы дардæй Хаттæй-хатт доны сæр-сæр. Зæрдæ та дард фæндтыл дзуры, Цу ’мæ йын исты ды зæгъ! Гъæй-джиди, февзæр дæ цуры Ацы сæрдыгон æхсæв! Хъæлдзæгæй абад дæ фарсмæ, Акæн зæрдæбын ныхас! Уарзоны рухс цæстæнгасæй Царды цин нуаз æмæ нуаз! Зонын, ды дард ран кæмдæр дæ, Не ’хсæн – быдыртæ ’мæ хох, Фæлæ дæ никуы, мæ зæрдæ, Никуы фæкæндзынæн рох! Слова Мухарбега Кочисова «Музыкальная культура осетин» © 2011 [bad word] ossmus ¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯ ☻/ /▌ / \