Æз дæу мысын (исполнитель: Рустам Джихаев)
О, мæн кæддæр дæ цæстытæ рæвдыдтой, Дæ уындæй никæд бафсæстæн, чызгай!.. {Фæлæ уæддæр, дæу ардыстæн, нæ зыдтон, Мæ уарзтæй дард фæлидзынæ тæргай.} x2 Мæ удлæууæн, уæддæр æдзух дæу мысын, Дæу ферох кæнын не суыдзæн мæ бон. {Æнкъард сагъæсты химидæг фæтыхсын: Куыд зæгъон ныр дæ цæстытæн хæрзбон?..} x2 Æз федтон дæу, ды ацыдтæ мæ фæрсты, Зынæpвæccoнæй ракастæ мæнмæ. {Æгъуыссæг æхсæв стъалыты фæфæрсын, Кæмæн зæгъон мæ сау катай, кæмæн?..} x2 Ныфсы ныхас уæларвæй дæр нæ хъуысы, Мæ хъизæмарæн нал вæййы кæрон. {Фæлæ уæддæр, о сауæрфыг, дæу мысын, Дæу ферох кæнын не суыдзæн мæ бон…} x2 МУЗЫКАЛЬНАЯ КУЛЬТУРА ОСЕТИН [bad word] ossmus ¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯ ☻/ /▌ / \