Зардайы сагъас (сл. Индира Гаглоева, муз. Белла Золоева) (исполнитель: Алла Хадикова и Олег Тайсаев)

Цъитийы сыгъдæг дон азгъоры хъазгæ, гъей
Вæййы йæ рухс фæндаг айнæгыл заргæ, гъей
Дæ иу фæкастæй та, о рæсугъд чызгай, гъей
Рох уарзты цæхæртæ мæ риуы ссыгътай, гъей

Æхсæрдзæны бын донхауæн зары, гъей
Йæхимæ кæддæрау мæн ногæй сайы, гъей
Рох уарзты буц фæндыр, дардмæ цæй ахæсс, гъей
Мæ зæрдæйы катай, зæрдæйы сагъæс, гъей

Базард:
Æрдæгыл куы баззад нæ уарзты фæндаг, гъей
Уыдтæ мын æфсæрмдзæст! - Ды та нæуæндаг, гъей
Æргомæй, цæй, абон зæгъæм нæ фæндон, гъей
Уарзтон дæ тынг бирæ! - Æз дæр дæ уарзтон, гъей

Мæ ивгъуыды цинтæ дæуыл фæбарын, гъей
Дæ сурæт алкæддæр мæ зæрдыл дарын, гъей
Дæ фæлмæн мидбылхудт, сусæг кæстытæ, гъей
Арæх дын фæмысын дæ сау цæстытæ, гъей

Уалдзыгон изæртæ, мæйдар æхсæвтæ, гъей
Æмбæхсын алкæддæр мæ сусæг фæндтæ, гъей
Зыдтон æй, фæцыдтæ мæнæй æндæрмæ, гъей
Уæддæр-ма дæм кастæн, мæ хур, æнхъæлмæ, гъей

Базард:

Цасфæнды куы цæуой, куы згъорой азтæ, гъей
Уæддæр нæй рохгæнæн æхсидгæ уарзтæн, гъей
Мах иумæ нæ бонтæ æрвыстам хъæлдзæг, гъей
Куыд тагъд нæм фæзынди, æрлæууыд фæззæг, гъей

Фæззыгон дымгæ та ахæссдзæн сыфтæ, гъей
Нæ ферох уыдзысты мæнæй дæ дзырдтæ, гъей
Æвзонг удыл кæд фæтых и хъысмæт, гъей
Æдзухдæр кæндзæни уæддæр дæуыл мæт, гъей

Базард:
Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте

Открытка с текстом :
Удобно отправить или распечатать
Создать открытку
У нас недавно искали песни:
Kamal  Avraham Fried  Пригай в такт  Ханзада минус  Делим на двоих  Сон жаным сол  Karasu tengo  Спи мой малыш 
О чем песня
Алла Хадикова и Олег Тайсаев - Зардайы сагъас (сл. Индира Гаглоева, муз. Белла Золоева)?
2020 © Tekstovoi.Ru Тексты песен