Отсутствует (исполнитель: Неизвестен)
Цы сусæг кæнон, бирæ кæй уарзын,бирæ кæй уарзын.. *Мæ иунæг уарзон дæумæ кæй бадын, дæумæ кæй бадын. (2 хатты) Уæд хъазты вæййын, фæрсгæ мæ кæнынц, фæрсгæ мæ кæнынц. Курæг дæ куы ис, мой ку нæ кæныс, мой ку нæ кæныс. Кæмæн ракæнон мæ сусæг ныхас ,мæ сусæг ныхас.. Уый дзы куы 'скæна 'стыр тулдз бæлас, 'стыр тулдз бæлас. Æз та мæ ныхас мæ мадæн зæгъон, мæ мадæн зæгъон. Бынтон æнамонд мæхи куыд хонон, мæхи куыд хонон. ( 2 хатты) Фæлæ мæ уый дæр куы нæ бамбара, куы нæ бамбара Мæ къæйных ныхас куы нæ ныппара, куы нæ ныппара. Цы сусæг кæнон, бирæ кæй уарзын,бирæ кæй уарзын.. *Мæ иунæг уарзон дæумæ кæй бадын, дæумæ кæй бадын. (2 хатты) **К.Золойти