Коруйнаг кизгæ (исполнитель: Сослан Гобеев)
Нæ фæсдзæхæра – Кæрдту бæласæ, Кæрдту бæласæ, гъей. Æ рæзи уæзæй Бунмæ æртонуй, Бунмæ æртонуй, гъей. Базард: Нæ киндздзон кизгæн Ци ’скæнæн хуасæ, Ци ’скæнæн хуасæ, гъей. Уосгор лæхъуæнтæй Некæмæ комуй, Некæмæ комуй, гъей. Алцæмæй æнхæст Æд зунд, æд уиндæ, Æд зунд, æд уиндæ, гъей. Уæхæн уосгортæ Æхецæй соруй, Æхецæй соруй, гъей. Базард. Миййаг ин еске Хинттæ искодта, Хинттæ искодта, гъей. Ци гъуди имæ ес, Хуцау æй зонуй, Хуцау æй зонуй, гъей. Базард. Рæстаг-афæнттæ Æ гъуддаг кæнуй, Æ гъуддаг кæнуй, гъей. Фагæ ин фæууæд Æнгъæл кæсунмæ, Æнгъæл кæсунмæ, гъей. Нæ киндздзон кизгæн Фæццæун гъæуй, Фæццæун гъæуй, гъей. Кæсæги гъæумæ Дæсни фæрсунмæ, Дæсни фæрсунмæ, гъей. Базард. Уосгор лæхъуæнтæй Некæмæ комуй, Некæмæ комуй, гъей. Слова Виктора Гетоева, музыка Альбины Секинаевой «Музыкальная культура осетин» © 2011 [bad word] ossmus ¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯¯¯¯¯ ☻/ /▌ / \