Фæсайдтай (исполнитель: Дуэт «Диадема»)
Слова и музыка Фатимы Басиевой и Дианы Хабиевой Гъуди кæнис, куд дзурдтай, берæ уарзун дæу, Мæ фунти дæр дæу уинун, æнæ дæуæй нæ цæрун. Базард: {Фалæ мæнгард фæсайдтай еци изæр мæн, Æз ба уæддæр, гъæла кизгæ, баууæндтæн дæубæл.} x2 Бæргæ кодтай дæ зæрдтæй ду гæбо мæнæн, Фалæ нæ бауагътон æз – æз уæхæн нæ дæн. Базард: {Æвæццæгæн, æнгъæлдтай – ихæлд кизгæ дæн, Дæ фунтæ дæ фæссайдтонцæ – æз уæхæн нæ дæн.} x2 Æнгъæлмæ ма бакæсон, ци нæ фæууй, гъей, Аци царди алцидæр хезун гъæуй, гъей. Базард: {Ма кæнæ, биццеу, мæ хор, фæ-дин-ледзæнæн, Æд æхсæвæ, æд бонæ уæд агордзæнæ мæн.} x2 Гъуди кæнис, куд дзурдтай, берæ уарзун дæу, Мæ фунти дæр дæу уинун, æнæ дæуæй нæ цæрун. Базард: {Фалæ мæнгард фæсайдтай еци изæр мæн, Æз ба уæддæр, гъæла кизгæ, баууæндтæн дæубæл.} x2 Æнгъæлмæ ма бакæсон, ци нæ фæууй, гъей, Аци царди алцидæр хезун гъæуй, гъей. Базард: {Ма кæнæ биццеу, мæ хор, ку дин фæлледзон, Дæ фæсмонæн, зонæ æй уæд, нæ уодзæй кæрон.} x2 Мæ кана биццеу, ку дин фæлледзон, Раздазæн мæ, зонæ æй, нецæмæн уодзæй. «Музыкальная культура осетин» © 2011 [bad word] ossmus ¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯ ☻/ /▌ / \