Отсутствует (исполнитель: Неизвестен)
Уалдзæджы бауарзтон иу хатт дæ цæстытæ, Мидбылты худтæ æргом. {Гъе уæдæй кувын Хуыцæуттæм дæ бæсты дæр, Гъе уæдæй дзурын дæ ном.} x2 Булæмæргъ фестадтæн æмæ ныззарыдтæн, Зарæг мæ минæвар уыд. Зарæг мæ цин зарæг афтæ æз самыдтон, Æмæ ныррухс и дæ уд. Хурмæ зилæгау мæнырдæм ды разылдтæ, Хурау æргом уыд дæ каст. {Гъе уæд фыццаг хатт æз уарзты цин базыдтон, Гъе уæд куы райхæлд нæ уарзт.} x2 Байхъус дæ зæрдæмæ, байхъус мæ зæрдæмæ – Иу зарæг зарынц уæдæй. {Афтæ йæ зардзыстæм ардыгæй фæстæмæ, Æмæ йын бамынæг нæй.} x2 Рацагъд. Иу хатты уалдзæг рæсугъдæй куы рацæуы Уарзæттæм цингæнгæ, уæд. {Ногæй дæ цурмæ æз ногчындзау бацæуын, Ногæй дын дзурын мæ фæнд.} x2 Хуры лæппуйау дыл алкæддæр зардзынæн, Уарздзынæн ног æмæ ног, Уарзты кæлæнтæ дæ цæстытæй нуаздзынæн, Нуаздзынæн амонды ронг. Уалдзæджы бауарзтон иу хатт дæ цæстытæ, Мидбылты худтæ æргом. {Гъе уæдæй кувын Хуыцæуттæм дæ бæсты дæр, Гъе уæдæй дзурын дæ ном.} x2 Байхъус дæ зæрдæмæ, байхъус мæ зæрдæмæ – Иу зарæг зарынц уæдæй. Афтæ йæ зардзыстæм ардыгæй фæстæмæ, Æмæ йын бамынæг нæй. Слова Тотраза Кокаева, музыка народная «Музыкальная культура осетин» © 2011 [bad word] ossmus ¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯ ☻/ /▌ / \