Кæд зарон (исполнитель: Инна Гучмазова)
Кæд зарон — ирон къæсы авдæны зарæг, Цæгъдон кæд — мæ Иры фæндырыл æрмæст, Кæд худон — мæ Ирæн йæ зæрдæйы цинæй, Кæд уарзон — уæд Иры цæхæрцæст мæ мæт. Кæуон кæд — мæ Ирæн йæ зынгхуыст хъæбултыл, Кæд нуазон — уæд Ирæн йæ кæхцæй æрмæст. Кæд рафтауа — дидинæг Иры къæдзæхтыл, Фæнды мæ уын адæмы хурæй æфсæст. Ссæуон кæд — нæ Иры бæрзонддæр цъитийыл, Кæд судзон — уæд Иры цырæгътыл æрмæст. Тæхон кæд — Ирыстон, дæ цъæх арв мæ денджыз, Кæд риссон — иронау мæ хъарæг ’мæ мæт. Мæлон кæд — Ирыстоны сыджыт — мæ ингæн, Цæрон кæд — Ирыстон мæ Хуыцау мæ уарзт. Цы кæнон... О, афтæ у ме сконд, мæ зæрдæ, Цы кæнон... Нывонд у мæ Ирæн мæ цард. [bad word] ossmus