Нана (исполнитель: Стас Доев)
Слова Гиго Цагараева, музыка Ильи Габараева Хуры тын фыруарзтæй нал быхсы, Бæласы къалиуыл атыхсы. Æхсæрдзæн сæмбæлди суадоныл, Йæ зæрдæ фыруарзтæй ратоны. Б а з а р д : О нана, фесæфти мæ фын — {Горæтмæ рæсугъд чызгайы Курынмæ цæуын.} x2 Мыдыбындз дидинмæ базары, Уый дæр æм йæ хъæбыс бадары. Иу айнæг иннæмæ бадзуры, Рог дымгæ йæ къайы агуры. Б а з а р д Р а ц а г ъ д Æдзух дæм фæкæнын тæхуды, Зæрдæйы куыд тавы дæ худын. Мæйау мын дæ цæсгом — цырагъдæр, Дæуæй мын ницы ис зынаргъдæр. Б а з а р д Р а ц а г ъ д Б а з а р д МУЗЫКАЛЬНАЯ КУЛЬТУРА ОСЕТИН [bad word] ossmus ¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯ ☻/ /▌ / \