Тотиты Акимы зараг (исполнитель: Ансамбль «Къона» (сол. Таму Берозов и Тимур Илаев))
Уæй, нæ хæхбæстæ нын, Уæй, куы не ’фсадынц хорæй. Уæй, хорз Аким куы бадзуры: «Цæуон быдырмæ Мæ сабитæн хор лæсынмæ». Уæй, мæнæ тох! Уæй, Ходы къуылдымтæ Уæй, далæ нæ куы ласынц. Уæй, хорз Аким куы бадзуры: «Мæнмæ мæ сабитæ Æнхъæлмæ куы кæсынц». Уæй, мæнæ тох! Уæй, Елхоты дзедыр Стыхст йæ хъæддаг балтимæ. Уæй, хорз Аким куы бадзуры: «Ауадзут мæ Мæ фæллад галтимæ». Уæй, мæнæ тох! Уæй, фæззæджы мигъы бон, Уæй, мæ фæндаг æрцахста. Уæй, хорз Аким куы бадзуры: «Гозымы-фырт мæ фæстейæ Мæнгардæй æрбахста». Уæй, мæнæ тох! Слова и музыка народные «Музыкальная культура осетин» © 2012 [bad word] ossmus ¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯ ☻/ /▌ / \