Журавли. Слова Расула Гамзатова, музыка Яна Френкеля. Осетинский (исполнитель: Эдуард Дуров)
ХÆСТОНТÆ (ЖУРАВЛИ) Фæкæсы-иу мæм хатт, æмæ хæстонтæ, Рæстаг тохæй куы не ‘рыздæхынц, уæд, Нæ сау зæхмæ нæ ацæуынц бынтондæр – Цъæх-цъæхид арвы байсæфы сæ фæд. Нырыонг уыдон уыцы раг замантæй Тæхынц æмæ нæм дзурынц арвæй дард, – Уæдæ цæмæн, æрвон тыгъдадмæ скастæй Нæ зæрдæ свæййы мадзура, æнкъард? проигрыш Тæхынц, тæхынц уæлæрвты уыдон, мигъты Тæхынц фæлладæй, хур дæр къул кæны, Зыны мæм се ‘хсæн иу бынат афтидæй, – Æвæццæгæн, æнхъæлмæ мæм кæсы. Æрцæудзæн бон – раст уариау сæ цурты, Тæхдзынæн æз изæрмилты хæрдмæ, Мæ цардыл мæт нæ кæндзынæн æз мур дæр, Сымахмæ арвæй маргъы хъæр кæнгæ. проигрыш Фæкæсы-иу мæм хатт, æмæ хæстонтæ, Рæстаг тохæй куы не ‘рыздæхынц, уæд, Нæ сау зæхмæ нæ ацæуынц бынтондæр – Цъæх-цъæхид арвы байсæфы сæ фæд.