Мит куы æруара уæд... (исполнитель: Zalina L.)
Мит куы æруара, уæд… 1 Мит куы æруара, уæд, Зонын, рисджæн æнæхсæст ныхæстæй. Фелæ шæстыты мæт Ды нæ фенджæ. Зымæгон сыфтæртæй Арв куы рызгъæла, уæд, Зонæй, худгæ иу хизджæн дæ рæзты, Рыст нæ уромын. Зæд Æмæ дауæг анкъардæй мæ бæсты Мит куы æруара, уæд Иумæ сабыр шæуджысты дæ фæстæ, Хафгæ базыртæй фæд. БАЗАРД: Куыд ынчон у æнæ дæуæй- Сæрибарæй, æнæ хинæй, Æнусон фæндтæ фидæнмæ Ивгъуыд бонтæй тæхынч. Фæлæ куыд зыну нæ дæуæй. Уæдтæр бæрзонд фæлгæсæнæй, Фыдуазал ихын кæсæнæй, Дæ шæстытæ кæсынч. 2 Мит куы æруарыд, уæд Рæстæг баивта бур фатæг урсыл, Бонæн фесæфт æрдæг, Изæр батад фæлурс мæйы русыл. О, куыд ныддаргъ дæ, хсæв, Мæн нæ хъауы дæ арæн мæ уарзты. Рыст нæ уромын. Зæд Æмæ дауæг анкъардæй мæ бæсты Мит куы æруарыд, уæд, Иумæ сабыр шыдысты дæ фæстæ, Хафгæ базыртæй фæд. БАЗАРД: Куыд ынчон у æнæ дæуæй- Сæрибарæй, æнæ хинæй, Æнусон фæндтæ фидæнмæ Ивгъуыд бонтæй тæхынч. Фæлæ куыд зыну нæ дæуæй. Уæдтæр бæрзонд фæлгæсæнæй, Фыдуазал ихын кæсæнæй, Дæ шæстытæ кæсынч.