Кады зарæг — гимн Южной Осетии (первый вариант исполнения) (исполнитель: Сводный хор РЮО и МХГФ РСО-А под упр. О. Джанаевой)
КАДЫ ЗАРÆГ (Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон Гимн) Уарзон Ирыстон! Дæ номы кадæн Лæууæм цырагъау мах уырдыг, Ды дæ нæ уарзты æнусон авдæн, Ды – нæ цин æмæ хъыг! Фæхæрæм мах дæ зæххæй ард, Дæ ном дын исæм бæрзонд, Удуæлдай дын кæнæм лæггад, Дæуæн у нæ цард нывонд! Уæ, Стыр Хуыцау! Дæ хорзæх, Дæ арфæ – Иры Уæзæгæн Ды цардамонд ратт! Уæззау уыд дæ ивгъуыд, Иры бæстæ,- Зылди дæ фæдыл сау фыдох, Фæлæ-иу уæддæр дæ фарны рæстæй Кодтой дæ зынтæ рох. Царды рухсмæ æдзух цыдтæ, Фыдбонты нæ саст дæ ныфс, Сæрбæрзонд алкæддæр уыдтæ, Æргомæй размæ цæуыс! Уæ, Уастырджи! Дæ хорзæх, Дæ арфæ – Иры дзыллæйæн фæндагамонд ратт! Фыдæлты æрдхæрæн, Иры Уæзæг! Зæрдæйы тæгтæй дæ нывæзт, Ацы дунейы нын масты уæзæй Ма у дих æмæ уæрст, Дугæй дугмæ нæрæд дæ ном, Бæрзонддæр кæнæд дæ кад, Дæ ныфсæй мах цæрæм æнгом, Дæ фæрцы рухс у нæ цард! Уæ, Бæсты Фарн! Дæ хорзæх, Дæ арфæ – Нæ уарзон Ирæн Ды иу амонд ратт! Ном æмæ йын кад! Наша Алания! Край любимый! Ты — наших предков колыбель! Стоя, ничем не поколебимы, Мы клянёмся тебе. Клятву Священною землёй Славить тебя мы даём, В скорби и радости собой Жертвовать ночью и днём! О, наш Творец! В награду народу Счастье и милость даруй Своему! Канут пусть в прошлое все невзгоды, Шедшие за тобой вослед, Фарном твоим озарят народы Путь свой в тысячи лет. Вечно сияет жизни свет Пусть над тобою всегда. Стойкой была ты во время бед — Впредь не сломись никогда! О, Уастырджи! В награду народу Счастье дороги даруй Своему! Нитями душ славных предков наших Вечно ты связанною будь! Ты позабудь тягость бед, устлавших К жизни мирной твой путь! Имя твоё из века в век Пусть в наших песнях звучит. Пусть его каждый человек Нашим потомкам вручит! О, Фарн страны! В награду народу Свету ты нас посвяти своему! Славим нашу страну! /Перевод Романа Хугати/ Автор музыки Гимна РЮО – известный осетинский композитор Феликс Алборов, член Союза композиторов СССР, заслуженный деятель искусств Грузии, лауреат премии им. К. Хетагурова. Автор слов – поэт, драматург Тотраз Кокаев, член Союза писателей РФ. Гимн утвержден сессией Верховного Совета Республики Южная Осетия 5 мая 1995 года.