Отсутствует (исполнитель: Неизвестен)
«О, мæ уарзон»
О, мæ уарзон чызгай,
Сусæг ма кæн дæ каст,
Сусæг ма кæн дæ уарзт,
Науæд дæр тынгдæр
Мæнæн мæ риуы зæрдæ
Фæтоны фыруарзтæй судзы
Мæ риуы дæ кастæй рагæй,
{Бамбæр мæ, чызгай,
Дæуыл кæй зарын –
Æнусмæ мæ зарæг, ой.} x2
О, мæ уарзон лæвар,
Ратт мын сусæгæй бар
Барвитон минæвар,
Науæд дæр тынгдæр
Мæнæн мæ риуы зæрдæ
Фæтоны фыруарзтæй судзы
Мæ риуы дæ кастæй рагæй,
{Бамбæр мæ, чызгай,
Дæуыл кæй зарын –
Анусмæ мæ зарæг, ой.} x2
О, мæ уарзон, мæ цард,
Иумæ скæнæм нæ зард,
Иумæ скæнæм бындур,
Науæд дæр тынгдæр
Мæнæн мæ риуы зæрдæ
Фæтоны фыруарзтæй судзы
Мæ риуы дæ кастæй рагæй,
{Бамбæр мæ, чызгай,
Дæуыл кæй зарын –
Æнусмæ мæ зарæг, ой.} x2