Ма сафт хуры хай (исполнитель: Роман Джихаев)
«Мæ сæфт хуры хай» Слова и музыка народные Мæ сæфт хуры хай, сау рæсугъд чызгай, Мæ хъис фæндырæй дæуæн куы зарын. {Дæ фæлмæн зæрдæ, дæ мидбыл бахудт Мæн дæр куы тавынц, нанайы рæсугъд.} x2 Дæ сау дзыккутæ, дæ сау æрфгуытæ Æппынæдзух дæр мæ цæстыл уайынц. {Дæ фæлмæн ныхас, дæ аив бакаст Мæ зæрдæйы ис, сау рæсугъд чызгай.} x2 Мæ сæфт хуры хай, сау рæсугъд чызгай, Мæ хъис фæндырæй дæуæн куы зарын. {Дæумæ бæлгæйæ, дæумæ кæсгæйæ, Мæ сусæг уарзтæй æдзух куы тайын.} x2