Дорожка 8 (исполнитель: Ирина Хидирова(гр.Лескен) - саумон артахи..)
Сæумон æртæхи ходгæ, гъазгæ Æз хори тунтæ ахæссун, Байгон син кæнун уæд мæ зæрдæ, Уарзондзийнадæ рахæссун. Ку 'римисун æз евгъуд уалдзæг Цъæх будуртæмæ гъæди къох — Бакувтонцæ мæнæн ме уазæг Æносон уарзтæн ан иронх. Бон-изæрмæ мæ содзгæ зæрдæ Уарзти заргутæ фæккæнуй, Нæ цард ку иссæй ер мæ сæр дæ, Хор нæмæ ходгæй ку кæсуй. Ду дæ мæ зæрди цæргæбонти Мæ кæдзос уарзтæй æвæсмон. Ку нæ уинон дæ æз мæ сонти Али бон дæр дин дæ цæскон. Дæу имисгæй мæнæн ку нæййес (**) медæгæ бафæллад Ку нæ хуссис ду дæр дæ æфсес Фунæй дæ зæрдæн нæ 'й æнцад.