Æнæ хай (Мæ Иры фæсивæд) (исполнитель: Государственный ансамбль песни)
Æнæ хай (Мæ Иры фæсивæд) Слова Коста Хетагурова, музыка народная Мæ Иры фæсивæд! Дæ цинæй, дæ хъыгæй Фæластон мæ сау зæрдæ дард... Цы ма мын кæндзынæ? – Дæ цæстытысыгæй Æнæ хай фæуыдзæн мæ мард!.. Æцæгæлон адæм, æцæгæлон бæстæ Æхсныфæй нуазынц мæ туг... Мæлæтæй нæ тæрсын, фæлæ мын мæ фæстæ, Мæ уæлмæрдмæ чи хæсдзæн суг? Кæй чызг мыл ыскæндзæн зæрдæхалæн хъарæг, Кæй кæуынæй риздзæн къæдзæх, Кæй фæндыр ысцæгъддзæн мæ иунæджы зарæг, Чи уадздзæн мæ дугъы йæ бæх? Мæ Иры фæсивæд! Дæ цинæй, дæ хъыгæй Фæластон мæ сау зæрдæ дард ... Цы ма мын кæндзынæ? Дæ цæстытысыгæй Æнæхай фæкодтон мæ мард!.. Без доли Как сердце тоскует с тобою в разлуке, Отчизны моей молодежь! На прах мой – страшнее не может быть муки, – Ты даже слезы не прольешь!.. А злая чужбина терзает и гложет Мне сердце сильней и сильней... Не смерти боюсь я, – но кто же разложит Костер на могиле моей? Чья девушка так обо мне зарыдает, Чтоб дрогнул утес в вышине? Кто песнь обо мне на фандыре сыграет, Кто в скачке мелькнет на коне? Как сердце тоскует с тобою в разлуке, Отчизны моей молодежь! На прах мой – страшнее не может быть муки, – Ты даже слезы не прольешь!..