Мады Майрам (исполнитель: Хурзарин)

Мады Майрам.

Зæрдæйы цы сурæт хастон, – 
Цæссыгтæй уый нал зыны.
Сонт удæй цы чызджы уарзтон,
Уый мæ дары азымы.
Æмæ зæрдæ мастæй риссы, –
Уды риссаг карздæр у.
Иунæг Хуыцау уæд æвдисæн – 
Уарздзынæн æй раздæрау.

Базард:
Мады Майрæм, къух мыл ма сис,
Ма мæ ныууадз сидзæрæй.
Уарзтæй мын нæ уыди бафсис,
Ныр æнæ уарзт чи цæры?!
Мады Майрæм, сау барджытæ
Сау мæлæтмæ арвитæм,–
Ингæнæй мæ рухс зарджытæ
Ссæуиккой кæд уардитæй...

Зæрдæйы дæ сурæт баззад
Сау кæлæнау сау боны,
Æмæ карз зымæджы уазал
Уалдзæджы цин нал зоны.
Рухс цæстытæм ныр куыд бæллон,
Кæд мыл, оххaй, сау дарынц?
Нал æрцæуы уарзт æмгæрон – 
Адзæгъæл ис сау тары.

Базард.

Зæрдæйы нындзыг дæ сурæт,
Уый ма адæргæй уыдтон,
Æмæ, сау хъуыдытæ сургæ,
Уæд дæ Хуыцауæн кувтон.
Дзæнгæрджытæ ниудтой арвмæ –
Арв дæр гоби разынди.
Ехх, куы ма дæ фенин дардмæ,
Уæд мæлæтыл разы дæн.
Базард.
Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте

Видео к песне:
Открытка с текстом :
Удобно отправить или распечатать
Создать открытку
У нас недавно искали песни:
Vendetta - Кровная месть  Роман роман тимати  Ночкой тёмной тёмной тёмной тёмной Потанцуем Джек  Смотрю в даль Черная экономика  Robert amirkhanian  Dj Alex Spark Love Is  Macy gray need you now  Demons ft Gia Margaret Dabin 
О чем песня
Хурзарин - Мады Майрам?
2020 © Tekstovoi.Ru Тексты песен